H / Hymny / Hymn Narodowy Osetii Południowej VIDEO
Уарзон Ирыстон! Дæ номы кадæн Лæууæм цырагъау мах уырдыг, Ды дæ нæ уарзты æнусон авдæн, Ды – нæ цин æмæ хъыг! Фæхæрæм мах дæ зæххæй ард, Дæ ном дын исæм бæрзонд, Удуæлдай дын кæнæм лæггад, Дæуæн у нæ цард нывонд! Уæ, Стыр Хуыцау! Дæ хорзæх, Дæ арфæ – Иры Уæзæгæн Ды цардамонд ратт! Уæззау уыд дæ ивгъуыд, Иры бæстæ, Зылди дæ фæдыл сау фыдох, Фæлæ-иу уæддæр дæ фарны рæстæй Кодтой дæ зынтæ рох. Царды рухсмæ æдзух цыдтæ, Фыдбонты нæ саст дæ ныфс, Сæрбæрзонд алкæддæр уыдтæ, Æргомæй размæ цæуыс! Уæ, Стыр Хуыцау! Дæ хорзæх, Дæ арфæ – Иры Уæзæгæн Ды цардамонд ратт! (Уæ, Уастырджи! Дæ хорзæх, Дæ арфæ – Иры дзыллæйæн фæндагамонд ратт!) Фыдæлты æрдхæрæн, Иры Уæзæг! Зæрдæйы тæгтæй дæ нывæзт, Ацы дунейы нын масты уæзæй Ма у дих æмæ уæрст, Дугæй дугмæ нæрæд дæ ном, Бæрзонддæр кæнæд дæ кад, Дæ ныфсæй мах цæрæм æнгом, Дæ фæрцы рухс у нæ цард! Уæ, Стыр Хуыцау! Дæ хорзæх, Дæ арфæ – Иры Уæзæгæн Ды цардамонд ратт! (Уæ, Бæсты Фарн! Дæ хорзæх, Дæ арфæ – Нæ уарзон Ирæн Ды иу амонд ратт! Ном æмæ йын кад!)Teksty umieszczone na naszej stronie są własnością wytwórni, wykonawców, osób mających do nich prawa.